Цæст дарынц
Транспорты æмæ промышленносты министрад иртæстой 10-æм маршрутон таксийы куыст, поселок Карцайы онг чи цæуы, уый. Хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ йæм бирæ аиппытæ æрхæссæн уыд æрæджы дæр ма. Къамисы уæнгтæ куыд базыдтой, афтæмæй аххосджын уыдис фæндаджы уавæр. Рæстæг куыд цыд, афтæ уый дæр ныппырхытæ ис. Адæм ын йæ цалцæгмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Транспорт æмæ промышленносты министрады хъæппæрисæй хъуыддаг аивта. Фæндагмæ базылдысты, сæвæрдтой йыл асфальтæй ног уæлцъар. Уый зынгæ фæхуыздæр кодта маршрутон такситы куыст. Адæмы æрлæууæн бынæтты 5-6 минутæй фылдæр лæууын нал хъæуы. Министрадæй тынг фæбузныг сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæст дарынц
Категория:
Новости и СМИ