Уæрæсейы арæзтады министрады æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны райрæзтыл
Фарон республикæйы бар радтой инфраструктурон бюджетон кредиттæн 811 милуан сомы бæрцæн 4 инвестицион проектты инженерон хæтæлтæ сæххæст кæнынæн. Уыимæ ма хъæуы ноджы 4 ахæм кредиты ног проект сæххæст кæнынæн. Зæгъæм, Алагиры доны системæйы, стæй Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæнты рацарæзт. Ацы бонты Мæскуыйы республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис архайдта Цæгат Ирыстоны комплексон райрæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Амыдтой йæ Уæрæсейы арæзтады æмæ цæрæуæтты коммуналон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Александр Ломакин æмæ ведомствойы разамонæджы хæдивæг Алексей Ересько. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой республикæйы арæзтадон æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабæзты райрæзтыл. Александр Ломакины ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстонæн ис егъау гæнæнтæ нырыккон æмæ æнцонвадат уавæртæ аразынæн. «Инфраструкторное меню» кæй хоныннц, уый руаджы регионы фидæны фæзындзæн хъæрзхъæд социалон объекттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv