Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Яндекс бафыстой ӕмгуыстады тыххӕй

Ирон ӕвзаджы райрæзты ахсджиаг къахдзӕф. Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Яндекс бафыстой ӕмгуыстады бадзырд. Сергей Меняйло куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй мадӕлон ӕвзаг нымæцон тыгъдады сфидар кӕнын у фӕсивӕды 'хсӕн йӕ бахъахъхъӕныны ӕмӕ йӕ парахат кӕныны сӕйрагдӕр мадзӕлттӕй иу. Фæнд ма кæнынц ӕвзаджы корпустӕ ӕмӕ дзырдуӕттӕ скæнын. Орфографион ӕмӕ терминологон ӕрмӕджытӕ саразын. Фӕхуыздӕр кӕнын тӕлмацы æрмæджытæ, ахуырадон сервистӕ ӕмӕ ныхасы технологитӕ. Уӕлдай ӕргом аздахдзысты ныхасы раиртӕст ӕмӕ синтезмӕ, нывты ӕмӕ документты текстмæ, автоматикон субтитртӕм, аудио æмæ видеоæрмæджыты хъӕлӕсы ӕмӕ фӕскадры тӕлмацмӕ. Регионы разамонӕг ма загъта, ӕмгуыстад байгом кӕндзӕн ног гӕнӕнтӕ нӕ культурӕ нырыккон дунейы размӕ кӕнынӕн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 422 подписчика
12+
4 просмотра
месяц назад

, чтобы оставлять комментарии