ЕГЭ-мæ цæттæ сты!
Паддзахадон фæлварæнтæ радтыны агъоммæ Хицауады хæдзары аныхас кодтой бархæлдтытыл. Цыппар ахуырдзауы фæлварæнæй федде кодтой. Бар сын нал уыдзæн дзуапп раддтынæн ацы аз. Сæ фылдæр хъавыдысты чырæ телефонтæй спайда кæнын, кæнæ сусæгæй фыст гæххæттытæй. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ кусæг къорды æмбырды. Дзырдтой ма дзы, фæлварæнтæ радтыны сæйраг бонмæ куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй. Райдадзысты 28 майы æмæ фæуыдзысты 20-æм июны. Скъоладзауты зонындзинæдтæ иртасдзысты 14 предметæй. Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн ратдзысты 4 мины æмæ 828 адæймаджы. 200-йæн дзы се `нæниздзинад у хъыгдард. Уыдонæн сараздзысты сæрмагонд уавæртæ. Фæлварæнтæ уыдзысты 28 раны. Иууылдæр сæ сифтонг кæндзысты æфсæн иртасджытæй æмæ видеокамерæтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
ЕГЭ-мæ цæттæ сты!
Категория:
Новости и СМИ