Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран Хуыгаты Надеждæйы схорзæхджын кодтой майданæй
Хæсты ветеран Хуыгаты Надеждæйы схорзæхджын кодтой «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы» юбилейимæ баст майданæй. Хæрзиуæг райста Мæздæджы бынæттон хиуынаффæйады сæргълæууæг Бураты Таймуразы къухтæй. Григорийы чызг Надеждæ хæстмæ ацыд 1942-æм азы, июны мæй. Тохы архайдта 37-æм æфсады сæрмагонд къорды рæнхъыты хсæн. 1942-æм азы уæззау цæф фæцис. Йæхи дзæбæх кодта Азербайджаны. 1945 азы каст фæци партийон скъола. Хуыгаты Надеждæ хорзæхгонд у Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны орденæй, «За оборону Кавказа», «Фæллойы ветеран» æмæ «За доблестный труд» майдантæй. Бураты Таймураз, Мæздæджы бынæттон хиуынаффæйады сæргълæууæг: «Фыдыбæстæйы стыр хæсты архайджытæй ма нæм баззад 120 адæймаджы. Сæ уавæр æмбаргæйæ ацæргæ адæммæарфæ ракæнынмæ цæуæм сæ хæдзæрттæм. Ныртæккæ уыдыстæм Хуыгаты Надеждæмæ. Йæ бинойнаг Хуыгаты Хазби уыд Социалистон фæллойы хъæбатыр. Куыста колхозы сæрдарæй. Кæддæриддæр уыдысты нымад бинонтæ. Надеждæйы цæуы 95 азы, уæхæдæг æй федтат цæуын ын зын у, ФÆЛÆ УÆДЫ РÆСТÆДЖЫ ЦАУТÆ ныр дæр ма хорз хъуыды кæны». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран Хуыгаты Надеждæйы схорзæхджын кодтой майданæй
Категория:
Новости и СМИ