Куадзæны фестивалы тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

8 апрелы райдайдзæн Куадзæны Мæскуыйаг фестиваль. Цы фæтк ныффидар, уымæ гæсгæ дзы сæйраг архайæг уыдзæн Гергиты Валерий. Ацы хатт фестиваль банымайдзысты æппæты егъаудæрыл. Цæудзæн цыппар бæстæйы æмæ 169 уæрæсейаг горæты. Музыкалон марафон ахæсдзæн 9-æм маймæ. Йæ аразджытæ зæрдæ `вæрынц, ацы хатт фестиваль алыхуызон культурон цаутæй хъæздыг кæй уыдзæн. Мариинаг театры оркестр уыцы рæстæгмæ æрзилдзæн бирæ горæттыл. Аивадуарзджытæн равдисдзысты 40 музыкалон уацмысы. Се `хсæн - куыд зындгонд, афтæ, кæй нæма цагътой, ахæмтæ дæр. Фестивалы азæй-азмæ цы фæтк ныффидар, уымæ гæсгæ дзы фенæн уыдзæн 4 хуызы программæйы. Аивадон бæрæгбоны фæлгæты артисттæ концерттæ ратдзысты Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Новосибирскы æмæ æндæр горæтты. Ацы аз фестивалы архайдзысты пианист Денис Мацуев, скрипач Кристоф БарАти æмæ æндæр зындгонд музыканттæ, фæсарæйнаг бæстæты зарæггæнджыты къордтæ æмæ Мариинаг театры хуыздæр æрыгон зарæггæнджытæ. Концерттæ ма цæудзысты 50 аргъуаны. Фестивалы кæронбæттæн Уæлахизы бон уыдзæн Мæскуыйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Куадзæны фестивалы тыххæй

Категория:

Новости и СМИ