Уæрæсейы хицауад снысан кодта кредитон каникултæ æхца 2022 азы 1-æм мартъимæ чи райста, уыдтонæн
Рæстæгмæ кредиты фиддонтæ фæуромын, уыимæ сын сæ бæрц фæкъаддæр кæнын. Ахæм фадат фæзынд кредитон каникулты фæрцы. Ног фæтк хаудзæн, ацы азы 1-æм мартъийы агъоммæ адæм цы кредиттæ райстой, уыдонмæ. Фиддонтæ аргъæвæн уыдзæн 1 мæйæ 6 мæйы `мгъуыдмæ. Ног хуызы æххуысæй спайда кæнын сæ бон у хуымæтæг адæмæн, хæдбар амалхъом адæймæгтæн. Фиддонтæ фæстæдæрмæ ахæссæн ис ипотекон кредитты дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv