Фыццаг дур
Базарадон центр «Леруа Мерлен»-ы бындуры фыццаг дур абон æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы. Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Гипермаркет сараздзысты Архонкæмæ фæзилæнмæ `ввахс. Дыууæ мæйы размæ Цæгат Ирыстоны амалхъомты зæрдæмæ ацы бæстыхай самайыны хъуыды нæ фæцыд. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм центр хи куыстуæтты хурхыл бахæцдзæн, се `фтиæгтæ сын фæныллæг кæндзæн. Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады директор Павел Игнатьев зæрдæ бавæрдта, ахæм хъуыддаг базарады гæнæнтæ кæй фæуæрæх кæндзæн. Ног центр байгом уыдзæн иннæ азы сæрды райдиан. Уæрæсейы йæ нымæцмæ гæсгæ уыдзæн 77-æм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыццаг дур
Категория:
Новости и СМИ