Дзæуджыхъæуы «Спартак» йæхи фæзы фембæлд футболон клуб «Кубань 2» имæ
Дзæуджыхъæуы «Спартак» йæхи фæзы фембæлд футболон клуб «Кубань 2»-имæ. Матч уыд Æппæтуæрæсеон акци «Бæстæ цæр футболæй»-йы фæлгæты. Ацы мадзал Уæрæсейы регионты футболы райрæзтæн ахсджиаг у. Фæлæ хъазтæй футболуарзджытæ разыйæ нæ баззадысты. Цымыдисаг нæ рауад, командæтæ дæр æмдых уыдысты. Пресс-конференцийы рæстæг «Спартаччы» сæйраг тренер Гæззаты Юрий цæмæн афтæ рауад, уый фæбæлвырд кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ лæмæгъ хъазты ахоссаг у хуыздæр футболисттæ фæзмæ кæй нæ рацыдысты, уый. Чидæр цæф у, кæмæн та цасдæр рæстæг фæзмæ рацæуыны бар нæй. Радон хъазт «Спартак» акæндзæн 27 майы йæхи фæзыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Хуссайраг зонæйы турнирон таблицæйы нæ командæ 13-æм бынаты ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы «Спартак» йæхи фæзы фембæлд футболон клуб «Кубань 2» имæ
Категория:
Новости и СМИ