Уалдзыгон концерт
Уалдзæг куы æрбалæууы, уæд Цæгат Ирыстоны сарæх вæййынц æрвылаз адæм цы концерттæм фенхъæлмæ кæсынц,уыдон. Ирон театры уыд адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы концерт. Æрбамбырд æм сты аивадуарзджытæ æнæхъæн республикæйæ. 2009 азы Цæгат Ирыстоны национ музейы бæстыхайы Ходы Олег сфæнд кодта музыкантты æрбамбырд кæнын.Уæдæй нырмæ æнæзæрдæхудтæй æмæ æнгомæй кусынц. Фæнды сæ цæмæй ирон национ музыкæ канд хистæр кары адæмты, афтæ æрыгæтты зæрдæты дæр аккаг бынат ссара. Кæд оркестрыл бирæ нæ цæуы, уæдддæр адæмæн уарзон ссис. Фараст азы дæргъы адæмы зонгæ кæнынц се`сфæлдыстадимæ. Оркестрæн стыр ахадындзинад ис. Нæ республикæйы разамынды уынаффæтæ æххæстгæнгæйæ, музыканттæ архайынц цæмæй ирондзинад алчидæр банкъара æмæ бауарза. Уымæ гæсгæ ахæм концерттæ фылдæр куы уа, уæд хуыздæр у. Зæгъын хъæуы уый æмæ концерты рæстæг оркестр канд ирон мелодитæ нæ цагъта. Фехъусæн дзы уыд адæмон, героикон æмæ ирон композиторты зарджытæ дæр. Акодтой сæ къорд «Уацамонгæ», Нартыхъты Ланæ æмæ æндæртæ. Ирон аивадуарзджытæн сæ уалдзыгон саламимæ сценæмæ рацыдысты Ирыстоны адæмон артисттæ Дауыраты Эдуард æмæ Медойты Светланæ. Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у, ацы уалдзыгон изæр йæ рæстæг пайдаимæ арвитын канд хистæр кары адæмы нæ бафæндыд, фæлæ ма кæстæр кары адæм дæр. Ууыл дзурæг у концертмæ цас фæссивæд æрбацыдис, уый Концерт канд æрыгон музыкантты зæрдæтæ нæ балхæдта. Залы фенæн уыд адæмон артистты дæр. Уыдон дæр тынг зæрдиагæй бакастыты равдыстмæ. Сæ цæсгæмттæй мидбылхудт иу уысммæ дæр нæ фæтар. Концерттæм сын æрбацæуын арæх нæ рауайы, уымæ гæсгæ уæлдай зæрдиагæй кастысты музыканттæм æмæ æхсызгондзинад райстой. Иуылдæр цин кæнынц. Уалдзæджы къæсæрыл сарæх сты алыхыуызон концерттæ æмæ фестивальтæ. Уый алкæйы ныфсыл дæр ныфс æфтауы. Ныфсджын къахдзæфтæй размæ тырнынæн фадæттæ аразы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уалдзыгон концерт
Категория:
Новости и СМИ