Æгас цу, уалдзæг
Зымæгæн фæндараст зæгъыны сæйраг бæрæгбон - цæрвкъахæнтæ адæмæн у хъæлдзæг бæрæгбон. Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл парчы уый фæдыл сарæзтой алыхуызон хъæлдзæг æмæ ирхæфсæн мадзæлттæ. Сæ курдиат сценæйыл æвдыстой театралон æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой алыхызон конкурстæ, хъæзтытæ. Алы адæмы хæттыты минæвæрттæ уазджытæн бацæттæ кодтой алыхуызон хæрзад хæринæгтæ. Саходæн ма уыд цæркъахæнты фидауцæй- лауызтæй. Бæрæгбонмæ саккаг кодтой нæ республикæйы фæсарæйнаг уазджытæ - Европæйы ерысты боксæй архайджытæ. Бæрæгбон сæм фæкаст хъæлдзæг æмæ цымыдисаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æгас цу, уалдзæг
Категория:
Новости и СМИ