5-æм январæй нырмæ пъæлицæйы кусджытæ уыдысты уæлдай къæрцхъусдæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

5-æм январæй нырмæ пъæлицæйы кусджытæ уыдысты уæлдай къæрцхъусдæр, хъахъхъæдтой республикæйы цæрджыты æдасдзинад цыппурсы бæрæгбоны. Æдæппæтæй уыцы куыст хаудис 3500 пъæлицæйагмæ. Адæмы æдасдзинад ма хъахъхъæдтой Уæрæсейы гвардийы кусджытæ, Терчы хъазахъхъы минæвæрттæ æмæ адæмон дружинæты бархионтæ. Фæндаггон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы кусджытæ æрæхгæдтой аргъуантæм хæстæг уынгтæ. Сæ бацæуæнты та сæвæрдтой згъæр агурæг сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Æппæт ацы мадзæлтты руаджы Чырыстийы райгуырды бæрæгбон арæзт æрцыд, куыд æмбæлы, афтæ. Æхсæнадон фæтк фехалыны цаутæ не `рцыд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цыппурсы æхсæв Цæгат Ирыстоны аргъуанты арæзт æрцыдысты бæрæгбоны аргъуыдтæ. Чырыстон диныл хæст мингай адæймæгтæ куывтой Хуыцаумæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

5-æм январæй нырмæ пъæлицæйы кусджытæ уыдысты уæлдай къæрцхъусдæр

Категория:

Новости и СМИ