Ног объектты арæзтад
Абон дзурæм культурæйы рæзтыл. Фæдзæхстгонд у йæ бындурæвæрыныл ацы аз бæстонæй бацархайын. Цæуыл бакуыстой æмæ цы бантыст, ууыл та нæ цæст æрхæцыд. Ахсджиаг къахдзæфтæ кæнæм ацы къабазы. Зæгъæм, Федералон программæмæ гæсгæ, бирæ хъæуты сарæзтой æмæ рацарæзтой культурæйы галуантæ. Мæздæджы, Фыййагдоны, Елхоты, Къостайы хъæуы, Комгæроны æмæ æндæр хъæуты. Æдæппæтæй 20. Ацы аз ма кæндзысты ноджы фылдæр. Сараздзысты 7 ног культурæйы хæдзары. Уый та уый тыххæй æмæ культурæйы рахæцæн сты хъæуты чысыл аивадон къордтæ. Сывæллæттæ уым банкъарынц аивады ад. Тырнынц хуыздæр уæвынмæ, кусынц сæ курдиатыл - æмæ свæййынц дæнцæгæн хæссинаг. Афтæмæй амайынц нæ республикæйы культурæйы мæсыг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног объектты арæзтад
Категория:
Новости и СМИ