Дзæуджыхъæуы уыд стъолыл хъазгæ теннисæй турнир
Дзæуджыхъæуы уыд стъолыл хъазгæ теннисæй турнир. Сарæзтой йæ æфсæддон-интернационалист Калоты Георгийы номыл. {ЗК} Ерыстæ байгом кæныны фæдыл кадджын мадзалы архайдтой йæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ. Æфсæддоны ном ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Турниры архайдтой республикæйы ахуыргæнæндæтты студенттæ. Æдæппæтæй 15 командæйы. Хуздæртæ райстой кубоктæ, Кады гæххæттытæ æмæ сæрмагонд лæвæрттæ. Калоты Георгий 18 аздзыдæй Афганистаны службæ кæнгæйæ уыд взводы командыгæнæг, 20 азæй сыздæхт уæззау цæфтимæ, фæлæ уæддæр йæ службæ нæ ныууагъта: æххуыс кодта хæсты ветерантæн, кодта æхсæнадон куыст, фæсивæды патриотон хъомыладыл архайдта. Йæ цардæй ахицæн 2017 азы 27-æм июны. Ныр æфсæддоны ном хæссы кæм ахуыр коддта, уыцы бирæвæрсыг техникум. Турнир сси традицион, ныридæгæн æй сарæзтой цыппæрæм хатт.