Антимонополон службæйы бынæттон хайад ркасти 2018 азы хатдзæгтæм
Цæгат Ирыстоны Федералон антимонополон службæ `ркасти, 2018-æм азы закъонад æххæстгонд куыд цыди, уыцы хатдзæгтæм. Уыцы рæстæгмæ `ркастысты бирæ хъæстытæм. Пресс-конференцийы радзырдтой алы курдиæтты тыххæй. Сæрмагондæй сæ цæст æрдардтой хицауадзинады уæнгты куыстмæ. Ацы аз рабæрæг кодтой 32 цауы, базарады закъон кæм фехæлдтой, ахæмтæ. Фæнысан ма кодтой, рекламæ æмæ æлхæнынады хайады закъон раст кæй хъæуы æххæст кæнын, уый. Ацы аз æркастысты 18 ахæм курдиатмæ. Кæцыдæртыл дзы байгом кодтой протоколтæ административон барадхæлды фæдыл. Басгæрстытæ дарддæр араздзысты. Уымæн æмæ антимонополон службæйы сæйраг хæс у республикæйы раст æмæ къæпхæнгай рæзтыл кусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Антимонополон службæйы бынæттон хайад ркасти 2018 азы хатдзæгтæм
Категория:
Новости и СМИ