Абон 110 азы сæххæст Мамсыраты Дæбейы райгуырды боныл
Абон 110 азы `ххæст кæны зындгонд ирон прозаик, поэт, драматург Мамсыраты Дæбейы райгуырдыл. Царды рухс федта Дæргъæвсы. 10 азы йыл куы сæххæст, уæд æй бакодтой Æрыдоны семинарийы пансионатмæ. Фæлæ ахуыргæнæндон 1921-æм азы кæй сæхгæдтой, уый аххосæй йæ Дæбе каст нæ фæцис. 1933-æм азы бацыд Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институтмæ. Фæлæ æртыккæгæм курс каст куы фæцис, уæд йе 'нæниздзинады тыххæй й` ахуыр ныууагъта æмæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Ам куыста газетты редакциты, æнтыстджынæй архайдта республикæйы æхсæнадон æмæ политикон царды. Мамсыры-фырты фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры рацыдысты 1927-æм азы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæ та Дæбе ныффыста поэмæ «Чермен», драмæтæ «Бæтæйы фырттæ», «Æфхæрдты Хæсанæ» æмæ ма бирæ æндæр зындгонд уацмыстæ. Ацы уацмысты хъайтартæ сты æнæхин, æхсарджын æмæ æгъдауджын адæм. Тох кæнынц рæстдзинад, сæрибардзинад æмæ сæ кады сæраппонд. Мамсыраты Дæбейы схорзæхджын кодтой Фæллойы Сырх тырыса æмæ Ленины номыл ордентæй. Стæй ма у Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон 110 азы сæххæст Мамсыраты Дæбейы райгуырды боныл
Категория:
Новости и СМИ