Куырта æмæ Тæгайы мæсыг - царды ног рухс федта
Куыртатты комы хæзнатæй иу - Куырта æмæ Тæгайы мæсыг - царды ног рухс федта. Сцалцæг æй кодтой бынæттон цæрджытæ. Уымæй та сын баххуыс кодта не`мзæххон, амалхъом адæймаг Гуыриаты Владимир. Зынгонд мæсыджы уавæр куы базыдта, уæд йе`сног кæныны хъуыдыйы фарс рахæцыд. Уыцы ранмæ сæхи лвасынц дзæвгар бирæ туристтæ. Мæсыг йæхæдæг нымад у культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектыл. Цымыдисаг та ма уый æмæ мæсыг иунæг мыггагмæ дæр нæ хауы. Куы йæ сарæзтой, уæдæй нырмæ цацлæггонд нæ уыд. Афтæмæй æрцыд заууат уавæрмæ. Ныккæлыны ввонг уыд. Хæрзгæнджыты руаджы, мæсыгæн сарæзтой иртæстытæ. Сæрмагондæй йыл бакустой рестовратортæ. Сцалцæг æй кодтой хæххон дурæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куырта æмæ Тæгайы мæсыг - царды ног рухс федта
Категория:
Новости и СМИ