Бæхты театры «Нартæ»-йы сногкодтой манеж
Гуырвидауц Атилæ цирчы ног манежы дугъ кæны. Испайнаг сыгъдæгтуг андалузскаг мыггагы бæхыл цæуы фондз азы. Ахæмты раздæр европæйаг падзахтæ дардтой сæ бæхдонты. Ацы уырс — бæхты театры «Нартæ»-йы артист у. Хъазиты Нателлæимæ рагæй тренировкæ кæны. Ноггонд пъолыл Атилæ ныфсхастдæр у, зæгъы Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ. Сæрдыгон сценæ 500 бынатимæ зымæгон нæ фæкусы. Æхгæд ангары бынат ис 100 уазæгæн, сарæзтой йæ цыппар азы размæ. Æвзæр боныхъæды дæр дæс бæхы ам æрвылбон тренировкæ кæнынц. Сæ къæхты бын зæронд резинæ ныссæндынц, афтæмæй. Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, ног пъолæн республикон бюджетæй рахай кодтой 2 милуан сомы. Байтытдтой йæ паддзахадон стандарттæ хынцгæйæ. Ныффидар æй кодтой, сæвæрдтой йæ æртæ цъарæй. Сæйрагдæр у, цæмæй уа фæлмæн. Театры сæйраг режиссер Валерий Попов куыд зæгъы, афтæмæй бæхæтæ сæ царды ахсджиаг бынат ахсынц. Чъиуæй конд фидар, тасаг æрмæгæй пайда кæнынц æгас дунейы. Акробаттæ бæхыл бадгæйæ хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй æрмæст репетициты фæпайда кæнынц. Спектакльты архайынц æрмæст сæ æгæрон курдиатимæ. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ скæнæн ис спектакль «Али баба æмæ абырджытæ»-йы. Бæхты театр «Нартæ»-йæ æвдисдзæн февралы кæронмæ. Тагъд рæстæджы та сног кæндзысты сæ хъуыстгонд концертон программæтæ.