Туризмы райрæзт
Фæлладуадзæн комплекс «Порог неба»-йæн ратдзысты республикæйы хицауады субсиди. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд фарон декабры, фæлæ æххæстгонд та æрцæудзæн ацы аз. Фæлладуадзæн комплексы ныридæгæн кусы 12 адæймаджы. Тагъд рæстæджы ма куысты бынæттæ фæзындзæн 10 адæймагæн. Фысымуат ис Дыгургомы. Зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдонæн дзы хæхтыл ис къахдзоныгътыл бырынæн фæндаг. Базæйы разамынд нысан кæны республикæйы бюджетмæ æфтиæгты бæрц фæфылдæр кæнын. Цы 3 милуан сомы сын ратдзысты субисидийы хуызы, уыдон сын тынг фæахъаз уыдзысты. Субсидитæ лæвæрд цæуынц туристон хайады райрæзты программæмæ гæсгæ. Йæ нысан у лæггадгæнæг куыстуæттæн баххуыс кæнын. Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй "Порог неба"-йы курдиат хорзыл банымадтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Туризмы райрæзт
Категория:
Новости и СМИ