Ногиры 2-æм скъолайы фæзынд театралон студи

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фыццаградон хайæдты 'хсæн фарон декабры сарæзтой конкурс. Йæ архайджытæ равæрдтой социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм проекттæ. Æдæппæтæй конкурсмæ бахастой 6 мин хъæппæрисы. Цæгат Ирыстонæй конкурсы уыд 14 проекты. 2-йæн дзы саккаг кодтой гранттæ. Се 'хсæн Хуымæллæг æмæ Ногиры хайæдтæ. Гранты фæрæзты руаджы Ногиры скъолайы сарæзтой театралон студи æмæ «Деревни мастеров», зæгъгæ, къордтæ. Ацы къорды сабитæн æргом кæнынц театралон дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Ахуыр кæнынц сценæйыл хи куыд дарын хъæуы æмæ аив куыд дзурын хъæуы, уый. Сабитæ зæрдæргъæвдæй архайынц æппæт амынддзинæдтæ дæр баххæст кæныныл. Театралон студийы цы сабитæ архайынц, уыдонимæ бакусыны тыххæй фæдзырдтой Ирон театры актрисæ Æлхъацаты Мæдинæмæ. Уымæн æмæ артисттæй хуыздæр театралон дæсныйады лыстæг фæзилæнтæ ничи зоны. Мæдинæ фыццаг хатт нæ кусы сывæллæттимæ. Алайнаг гимназы сабиты дæр æмхиц кæны театрмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтты миддуне раргом кæнынæн ацы студи стыр æххуыс у. Скъолайы театралон студи фæзынд Тотраты Ларисæйы проекты фæлгæты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъолайы театралон студи саразын кæддæриддæр йæ бæллиц уыд. Уыимæ ма, ацы аз театры азыл дæр нымæд у. Сывæллоны миддуне æмæ курдиат раргом кæнынæн театрæй хуыздæр ницы ис, фидарæй хъуыды кæны Тотраты Ларисæ. Уыимæ ма, йæ фæнды, цæмæй сабитæ сæ мадæлон æвзагыл дæр дзурой æмæ йæ ма рох кæной. Афтæмæй чызджытæ хи къухтæй аразынц кæм гæххæттæй, кæм алыхуызон хъуымæцтæй дзаумæттæ, стæй бирæ æндæр цымыдисаг æрмæджытæ. Кусынц, сæ ахуыргæнæг та сæм лæмбынæг цæст дары. Ам та лæппутæ сæхи фæлварынц хъæдæрмæгыл зынгæй нывæфтыдтæ кæныныл, аразынц хæдтæхджытæ, стæй декорацитæ дæр. Проект баххæст кæнын бантыст парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон проектты конкурсы руаджы. Æдæппæтæй дзы Цæгат Ирыстонæй балæвæрдтой 14 проекты. Гранттæ та дзы райстой 2-йæ. Сæ иу у Ногир. Проектыл бакусынæн радих кодтой 160 мин сомы, уый руаджы цалцæггонд æрцыд скъолайы æмбырдаразæн зал дæр. Проектыл кусын райдыдтой сентябры. Æххæст æй кæндзысты афæдзы дæргъы. Фæлæ сæ ныфс ис, уымæй дарддæр дæр кæй ахæсдзæн, уымæй. Фидæны пълæнттæ егъау сты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ногиры 2-æм скъолайы фæзынд театралон студи

Категория:

Новости и СМИ