Цæгат Ирыстоны архайынц æнæхæдзар куыйты нымæц фæкъаддæр кæныныл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

4 года назад

Æнæхæдзар куыйты нымæц рæзы. Цæрджыты тас бацыд. Æрмæст Дзæуджыхъæуы æнæхæдзар цæрæгойтæ сты дыууæ минмæ 'ввахс. Арæх афтæ рауайы, æмæ знон йæ цыппæркъахыг хæларыл æнувыд чи уыд, уый ыл йæ зæрдæ сивы. Куыйтæ уынджы баззайынц. Къордгæйттæй уынгтыл уæвгæйæ цæрджыты тасы 'фтауынц. Се`хсæн хъæхъхаг куыйтæ фæзынд. Уыдоны та ахсынц Дзæуджыхъæуы питомникы кусджытæ. Уазал, æххормаг æмæ тарст цæстытимæ. Ныр ацы цыппæркъахыг удгоймæгæн тас ницæмæйуал у. Къалатийы сæ бирæ нæ дардзысты. Куыйтæ ахсгæйæ сæхи сабыр фæдарынц, фæлæ специалистты шприцеметæй спайда кæнын дæр бахъæуы. Уый фæрцы куыдз цалдæр сахатмæ бафынæй вæййы. Уыцы рæстæгмæ йæ фæхæццæ кæнынц питомникмæ. Дыууæ бригады æрвылбон кусынц скъолаты, сывæллæтты фæзты æмæ бырондæттæм хæстæг. Ныхасæн баззад, куыдз адæймаджы хæлар у, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр цæрджыты тас бацыд. Уæвгæ диссаг нæу. Хатгай куыйтæ ам къордгай вæййынц. Дзæуджыхъæуы питомникмæ адæм æхууыс агур арæх æрбацæуынц. Питомникы куыйты 10 боны вæййынц карантины. Агурынц сын ног хицæутты, сæрмагонд хъусынгæнинæгтæ парахат кæнынц. Питомникы зæххы хайыл ис 100 бынаты. Афæдзмæ сæ нымæц фæфылдæр уыдзæн дыууæ хатты. Цæрæгойтæн ам æппæт уавæртæ дæр ис. Сæ æрвылбоны хæрды дзидза, лæхурæг æмæ халсартæ. Кæд цыппар мæймæ куыдзæн хицау нæ разыны, уæд æрцæуы стерилизацигонд. Бакæнынц ыл сæрмагонд нысан æмæ йæ рауадзынц. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй куыйтæ тæссаг нал вæййынц. Уæвгæ, æнæхæдзар куыйтимæ баст уавæр тынг тыхсын кæны. Уыдоны бæрц афæдзæй-афæдзмæ рæзы. Æрмæст Дзæджыхъæуы сты дыууæ минмæ хæстæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv