Рæсугъд æмæ сыгъдæг
Сыгъдзинадыл кусгæйæ, рох нæ кæнынц рæсугъд æрбацæуæнтыл дæр ахъуыды кæнын æмæ сыл зæрдиагæй бакусын. Сæ цæрæнуæтты алфамблæйттæ сты æппынæдзух сты аив æмæ хъæздыг алыхуызон ахорæнтæй. Цориты Симæйæн ам бынæттон цæрджытæ уæлдай кад кæнынц. Алы райсом дæр фæгæпп кæны æмæ цы бирæуæладзыгон хæдзары цæры, уый кæртыл зилынтæ райдайы. Афтæ 37 азы. Цæры Владикавказаг уынджы. Дуар ныммæрзы, дидинджытыл дон ныккæны, алцæмæ дæр бæстон цæстæй æркæсы. Æмæ цæуылнæ? Бахизæнты цур цæлхытæй конд денджызы бабызтæ, чысыл скульптурæтæ, ис ма дзы цад. Ам алцыдæр сарæзтой сæхи къухтæй, зæрдæргъæвд æмæ хæлар сыхæгтæ. Фыццаджыдæр — сывæллæттæн. Фæнды сæ, цæмæй рæзой рæсугъд æмæ сыгъдæг кæрты. Æнцон кæй нæу ахæм хорз уавæртæ саразын, уый дæр цæмæй зоной. Кæрт саив кæныныл бакуыстой куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Сæ къухæй конд хуымæтæг æрмæджытыл уайтагъддæр цæст æрхæцы. Милена Погосян: «Разы дæн хистæртæй, ахæм уавæртæ нын кæй сарæзтой, уымæй. Алы ран цъæх-цъхид хайæгойтæ, быронæн дзы йæ кой дæр нæй. Мæ хæлæрттæй искæмæ уазæгуаты куы вæййын, уæд дзы пырх урнæтæ дæр ма фензынæ. Махмæ уыдæттæн уæвæн нæй». Сыхæгтæ ахæм рæсугъд ран кæй цæрынц, уымæй тынг сæрыстыр сты. Фæнды сæ цæмæй иннæ хæдзæртты цæрджытæ дæр, афтæ базилой сæ къонаты алфамблаймæ. Дæнцæгæн хæссинаг сæ рахонæн ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рæсугъд æмæ сыгъдæг
Категория:
Новости и СМИ