Хъастимæ не сразы
Республикæйы дыууæ цæрæджы цы хъаст бахастой Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондонмæ, уый фæдыл уынаффæ рахастой. Парламентмæ æвзарыны уагæвæрдмæ ивдзинæдтæ нæ бахæсдзысты. Ныхас цæуы, 2017-æм азæй республикæйы иумандатон зылдтæ кæй нал ис, ууыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы парламентмæ ныртæккæ депутатты æвзарынц партийы хыгъдтæм гæсгæ. Хъаст чи бахаста, уыдон уыцы уынаффæимæ разы не сты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы уавæр адæмы конституцион барты рохтыл хæцы. Ома партийы уæнг кæй нæ фæнды уæвын, уымæн парламентмæ бахауыны фадат фæкъуындæг вæййы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм республикæйы конституцион тæрхондон уынаффæ рахаста 4 мæйы размæ. Уыцы уынаффæ ныхмæ нæу нæдæр Республикæйы Конституцимæ, нæдæр федералон закъонæвæрдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъастимæ не сразы
Категория:
Новости и СМИ