Бæззаты Миланæ Ирина Винеры центры архайдта спортивон æмбырды
Егъау спортивон нысантæ йæ размæ æвæры Бæззаты Миланæ. Æрыгон гимнасткæ зоны, йæ равзæрст фæндаг æнцон кæй нæ уыдзæн, стæй йæ кæй хъæуы æппынæдзух йæхиуыл кусын. 6-аздзыд чызг тренировкæгæнæн залы архайынæй нæ фæллайы. Æрыджы та æрыздæхт Мæскуыйæ, уыд Иринæ Винеры центры. Гимнастикæ архайдта Уæрæсейы иугонд командæйы тренерты разамындæй. Ирыстойнаг чызг Бæззаты Миланæйы фæхуыдтой гала-концерты бацархайынмæ. Аив æрлæууын, къах раст айсын æмæ уæнгтæ рараст кæнын. Ацы лыстæгдзинæдтыл Бæззаты Алинæ ахуыр кодта къорд рæстæг. Ныртæккæ сæ æнцонæй æххæст кæны. Дисциплинæ, хиуыл куыст æмæ спортмæ уарзондзинад. Уый æххуыс кæны Бæззаты Миланæйæн уæлахизтæм тырнын. Чызгæн йæ мад æмæ мады хо дæр сты гимнасткæтæ, уыимæ ма тренертæ дæр. Уыдон бауарзын кодтой Миланæйæн ацы спорты хуыз. Уыдонмæ гæсгæ йæ бафæндыд профессионалон спортсменкæ суæвын. Чызг ныридæгæн дæр амбары гимнастикæ йæ царды нысан кæй у. Ардæм, æвæццæгæн æмæ, фылдæр æрбахауд уый тыххæй, æмæ мах дæр ацы спорты стæм. Ам хъомыл кодта, уыдта гимнастикæйы рæсугъддзинад. Уый фæстæ чысыл куы айрæзт, уæд йæ мады æмæ йæхи дæр бафæндыд, цæмæй ацы спорты хуызы архайын райдайа. Уымæн æппæт гæнæнтæ дæр уыд. Миланæ йæхиуыл æнæвгъауæй кусы. Æрæджы Миланæ уыд Мæскуыйы спортивон æмбырдты. Бантыст ын Ирина Винеры центрмæ бахауын. 10 бонмæ чызг райста стыр фæлтæрддзинад. Разамынд сын лæвæрдтой аивадон гимнастикæйæ Уæрæсейы иугонд командæйы тренертæ. Миланæ уыд иунæг, 2017 азы гуырд сывæллæтты 'хсæн, гала-концертмæ кæй фæхуыдтой. Йæ музыкалон номыр бацæттæ кодта кавказаг музыкæмæ. Йæ арæхстдзинад æмæ курдиатæй уайтагъд балхæдта адæмы зæрдæтæ. Æрыгон гимнасткæйы схорзæхджын кодтой алыхуызон номинациты 6 кады гæххæттæй. Фыццаг уал, раст зæгъгæйæ, йæ кафт уыд фæсарæйнаг музыкæимæ. Фæлæ уый фæстæ ахъуыды кодтам, æмæ нæ бафæндыд йæ номыр кавказаг музыкæмæ гӕсгӕ сæвæрын. Афтæ, мæнмæ гæсгæ, уæлдай рæсугъд рауад. Йæ равдыст уыд алыхуызон фæзилæнтæй хъæздыг. Ныртæккæ Миланæ дарддæр йæхиуыл кусы, тырны ног уæлахизтæм. Фæнд кæны йæ программæйыл бакусын æмæ йæ ноджы фæхуыздæр кæнын.