Интернет энциклопедийы ирон хайыл бакусын кæй фæнды, уыдонæн сарæзтой æмбырд
Интернет-энциклопеди Википеди кусы 297 æвзагыл. Уыцы хыгъдмæ 2005 азæй хауы ирон æвзаг дæр. Сайты ирон къабазыл бæстонæй бацарахайыны тыххæй абон сарæзтой сæрмагонд мадзал, уырдæм фæхуыдтой проектыл бакусын кæй фæнды, уыдоны. Ирон википедийы ссарæн уыдзæн алыхуызон информаци. Ирон тематикæмæ цæуы сæрмагонд цæстдард. Фадат дзы уыдзæн ирон аивад æмæ культурæйы кусджыты, фысджыты, спортсменты тыххæй фылдæр базонын, уыимæ, иронау фыстæй. Баххуыс кæнын кæй фæнды уыдоны размæ мадзал аразджытæ рахастой дыууæ домæны - ирон æвзаг хорз зонын æмæ кусынмæ тырнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Интернет энциклопедийы ирон хайыл бакусын кæй фæнды, уыдонæн сарæзтой æмбырд
Категория:
Новости и СМИ