Партийы Иугонд Уæрæсе æмæ Æрыгон гвардийы сарæзтой конкурс сывæллæттæн
Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарты уæлахизтæ та нырма разæй сты. Цард сæм йæ мидбылты нæ худы. Фæлæ алы хистæры хæс дæр у, цæмæй сæхæдæг худой сæ мидбылты. Цæй кой кæнæм, уый фæбæлвырд кæндзыстæм. Абон сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы кæрт уæлдай бæрæгбонхуыз уыд. Йæ хъомылгæнинæгтæн дзы сарæзтой, зæгъæн ис, æмæ аивадон бæрæгбон. Сывæллæттæн канд сæ зæрдæйы ахастæй нæ барæсугъд ацы бон, фæлæ ма сæ конд нывтæй дæр. Бæрæгбонмæ сæм ацыд нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Æмæ куыд загъта, афтæмæй йæхæдæг дæр тыххæй фæлæууыд, цæмæй йыл нывтæ кæнынæй ма баизæр уа. Челохсаты Хетæг иннæ сабитимæ архайы рæсугъддæр ныв скæныныл. Куыд зæгъы, афтæмæй цы сныв кæндзæни, уый уайтагъддæр бамбæрста. Сабитæн рауад æцæг бæрæгбон. Сæ хъуыдытæ нывты хуызы æвдисын сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Хæдзары кæртыл куы афæлгæсай, уæддæр цæст æппæт куыстытыл хæцгæ дæр нæ кæны. Афтæ алыхуызон æмæ аив сты. Конкурс сарæзтой Уæрæсейы боны агъоммæ. Уый хынцгæйæ сабитæй бирæтæ сныв кодтой нæ бæстæйы тырыса. Арæх-иу дзы фенæн уыд сабырдзинады темæйыл нывтæ дæр. Сабитæ куыд зæгъынц, афтæмæй се стырдæр бæллицтæй иу у æнæхъæн дунейы сывæллæтты амонд. Дунемæ цы цæстæй кæсынц, уый равдыстой сæ нывтæй. Се 'хсæн - Шанайты Вадим дæр. У сывæллæты хæдзар «Виктория»-йы раздæры хъомылгæнинаг. Ныр иу афæдз цæры «Хуры тын»-ы. Уыцы рæстæгмæ фæцалх хæдзары фæткыл, фæзынд ын ног хæлæрттæ дæр. Вадим йæ ныв сбаста бæрæгбонимæ. Хæдзары хъомылгæнинæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаг рæстæг «Виктория»-йы хъомылгæнинæгтæ сæхи бынтон уæндон нæ дардтой. Ныр уыцы рæстæджытæ фæстейы аззадысты. Уыцы хъуыддаджы сын стыр æххуыст бакодтой хъомылгæнджытæ дæр. Сывæллæтты куыд разæнгардæй æвнæлдтой сæ хæсмæ, уый хъомылгæнджыты зæрдæтæ дæр æлхæдта. Ахæм конкурстæ сабитæн пайда кæй сты, ууыл сæ хистæртæ дызæрдыг нæ кæнынц. Сабитæн конкурс сарæзтой парти Иугонд Уæрæсе æмæ æрыгон гвардийы регионалон хайæдты иумæйаг хъæппæрисæй. Ахæм конкурс сын фыццаг хатт нæ расидтысты. Æппынæдзух се `ргом здахынц хæдзары хъомылгæнинæгтæм. «Сывæллæттæм сарæзтам конкурс. Сныв кодтой нæ горæт, нæ райгуырæн бæстæ, нæ бæстæйы тырыса, бирæ цымыдисаг æндæр нывтæ. Алыхуызон æмæ аив сты. Хуыздæрты сбæрæг кæнын зын уыдис. Бауынаффæ кодтам, æмæ нын 4 баисты. Радтам сын зæрдылдарæн лæвæрттæ. Проект «Крепкая семья»-йы фæлгæты арæх æрбацæуæм сывæлæтты хæдзæрттæм», - Æрыгон гвардийы регионалон хайады разамонæг Саулохты Сæрмæт. Конкурс саразджытæн сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын сæ къухы бафтыд. Фидæны дæр сын алыхуызон цымыдисаг ерыстæ аразыныл архайдзысты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Партийы Иугонд Уæрæсе æмæ Æрыгон гвардийы сарæзтой конкурс сывæллæттæн
Категория:
Новости и СМИ