Карцайы хъæуы цард нал æхсиды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Дæрддзæф хъæуты царды тыххæй нæ ныхас дарддæр кæнæм. Ацы хат бабæрæг кодтам Карцайы хъæу. Кæд раздæр уыди Æлæгиры районы артдзæст, уæд ныр, хъыгагæн, уавæр зынгæ фæивта. Йæ цæрджыты нымæц ныртæккæ 12 йеддæмæ нал у. Цавæр аххосæгтæм гæсгæ ацы хæххон хъæуы цæрджытæ ныууагътой сæ цæрæн бынæттæ æмæ ма дзы чи баззад, уыдонмæ цавæр риссаг фарстатæ ис, уый базыдта Хуасдзауты Алинæ. Карцайы хъæуыл афæлгæсгæйæ адæймаджы цæст æрдзы рæсугъд нывтæ рæвдауынц. Зæгъæн ис, æмæ хъæу у туристты уарзондæр бынæттæй иу. Бынæттон цæрджытæ дæр сæ райгуырæн хъæуыл тынг æнувыд сты. Дзугаты Сослæнбег йæ царды бонтæ арвыста Карцайы. Раздæр хъæуы цард куыд уыди, уый ма ныр дæрма йæ зæрдыл дары. Уый тыххæй йын уæлдай зын у, ныртæккæ йæ уарзон хъæуы царды уылæнтæ бынтон кæй æрмынæг сты, уый. Йæ уарзон хъæуы цард хуыздæр `рдæм раивынæн Сослæнбег йæхæдæг дæр стыр æвæрæн бахаста. Бирæ азты уыд хъæуы админстрацийы сæргълæууæг. Ныртæккæ уыцы хæстæ æххæст кæны Хъуппеты Людæ. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы ис 40 хæдзары. Уыдонæй цæрджытæ ис æрмæст 6-ы. Æдæппæтæй хъæуы цæры 12 адæймаджы. Хъыгагæн, хъæуы кусæн бынæттæ нæй. Уымæ гæсгæ, фæсивæд горæтмæ алыгъдысты. Хъæуы канд газы фарста нæу аиуварсгæнинаг. Æндæр хъуыддæгтæм дæр ма дзы хъæуы баххæст кæнын. Карцайы цæрджытæм нæй бастдзинад. Администрацийы цур таксофон бæргæ ис. Фæлæ, уæддæр æнæ телефонæй адæмæн зын у. Ныры дуджы уæлдай цымыдисаг у, мобилон бастдзинад æмæ интернет кæм нæй, ахæм бынæттæ дæр ма кæй баззад, уый. Бирæ хатты фæлвæрдтой телефоны телтæ ауадзын, фæлæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ вæййы. Ныр уал æнхъæлмæ кæсынц Мæскуйæ дзуаппмæ. Уый куы райсой, уæд хъæуы фæзындзæн бастдзинад æмæ интернет. Уый та царды уавæрыл æнæмæнг хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ зæрдæ ма уæлдайдæр риссы сæ фæндаджы уавæрыл дæр. Тынг базилинаг сты. Уалдзыгон, Карцадоны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстыты рæстæг иу фæндæгтыл хуыр ныккодтой. Фæлæ, уæддæр аразинаг сты. Хъуппеты Людæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзæр боныхъæды аххосæй фæндагыл ацæуæн куы нæ вæййы, уæд иу æй фæндаггон службæтæ уайтагъд ссыгъдæг кæнынц. Людæйы зæрдæ йæ хъæуыл зæрдиагæй риссы. Уымæн æмæ дзы 30 азæй фылдæр арвыста. Уырны йæ, Карцайы царды уавæртæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Карцайы хъæуы цард нал æхсиды

Категория:

Новости и СМИ