28 азы хæдбарæй
Хуссар Ирыстоны бæрæг кæнынц республикæйы бон. 28 азы размæ Хуссар-Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты совет бафыстой хæдбардзинады деклараци. Хуссар Ирыстоны бæрæгбонмæ ссыдысты цалдæр бæстæты минæвæрттæ. Се хсæн уазджытæ Цæгат Ирыстонæй дæр, сæ сæргъы Битарты Вячеслав, афтæмæй. Национ бæрæгбоны уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ, экскурситæ, спортивон мадзæлттæ æмæ концерттæ. Азæй-азмæ Хуссар Ирыстон сæрибар республикæйыл фылдæрæй фылдæр бæстæтæ банымайынц. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 26-æм августы Хуссар Ирыстон бæрæг кодта Уæрæсе йæ сæрибарыл кæй банымадта, уый 10 азы юбилей. Ацы аз ма Хуссар Ирыстон сæрибар æмæ хæдбарыл банымадтой Сирийы дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
28 азы хæдбарæй
Категория:
Новости и СМИ