Бæстæйы министрты кабинет фæфылдæр кодта хъæууон ипотекæйы льготон кредиты бæрц
Бæстæйы министрты кабинет фæфылдæр кодта хъæууон ипотекæйы льготон кредиты бæрц
Бæстæйы министрты кабинет фæфылдæр кодта хъæууон ипотекæйы льготон кредиты бæрц 3-йæ 6 млн сомы онг. Уый тыххæй бадзырд бафыста Хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Программæ кусы 2020-æм азæй. 2022-æм азы та йæ президент Путины уынаффæмæ гæсгæ скодтой æнæ мгъуыд. Куысын куы райдыдта, уæдæй нырмæ дзы спайда кодтой 116 мин адæймаджы. Цæрджытæн сæ бон сси балхæнын, кæнæ самайын цæрæнуæтты 6,5 мин квадратон метры. Ацы аз программæ æххæст кæнынмæ федералон бюджеты æвæрд æрцыд 19,5 млрд сомы. Ныр ын йæ домæнтæ фæуæрæхдæр кодтой. Адæмæн фадат фæзынд кредит райсгæйæ фатер балхæнын горæтмæ хæстæг цы цæрæн пункттæ ис, ахæмты дæр. Уыдоны æвæстиатæй райдадзысты хъæугæ инфраструктурæ аразын. Хæуы цæрджытæн та сæ бон льготон ипотекæ райсын хæдзар самайынмæ хи тыхтæй.