Бадзырд бафыстой
Цæгат Ирыстон æмæ Стъараполы крайы парламенттæ бафыстой æмгуыстады бадзырд. Фембæл сæрæзтой Пятигорскы. Бадзырд бафыссыны кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы минæвæрттæ. Документ сæ къухфыстæй сфидар кодтой дыууæ спикеры Алексей Мачнев æмæ Генадий Ягубов. Бадзырд домы дыууæ регионæй закъонаразæн фарстатыл æмархайд. Цæгат Ирыстоны парламентæн уый у дыккаг ахæм куыстадон гæххæтт. Фыццаг бафыстой ивгъуыд азы Дагестанимæ. Куыстадон æмбырды фæстæ Алексей Мачнев æмæ Геннадий Ягубов дидинджытæ сæвæрдтой ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл. Уыимæ бæрнон адæм араст сты Æнусон Арты мемориалмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттæгты ном ссарынмæ. Алексей Мачнев - Мах зонæм цы бæрзонд æмвæзадыл кусы Стъараполы крайы думæ, уый. Фæнды нæ æмгуыст, æмарахайд кæнын, нæ куысты фæлтæрддзинадæй фæхай кæнын. Ис нын цы равдисæм кæрæдзийы цæуыл сахуыр кæнæм, уый. Генадий Якубов- Цымыдисаг у алы фарстатæм цы цæстæнгас дарæм уый рафæлхатын. Уыцы фарстатыл нæ Цæгат Ирыстойнаг хæлæрттимæ бæрнонæй бакусын. Уый у ахуырад, экономикæ æмæ культурæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бадзырд бафыстой
Категория:
Новости и СМИ