Архонкæйы æрзылды онг цалцæггонд фæндаг фæзындзæн
Архонкæйы æрзылды онг цалцæггонд фæндаг фæзындзæн, уый иу хабар. Фæлæ ма сæрмагонд куыстытæ станицæйыдæр кæнынц. Уым дæр цалцæг кæнынц фæндаджы уаддзаг. Уый тыххæй зæронд фæндаджы метры бæрц уæлцъар систой. Куыстытæ æххæстгæнæн компанийы минæвæрттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фæндаджы арæзтад уым дæр кæронмæ фæуыдзæн октябры. Куыд æххæстгонд цæуы, уыимæ ма фæткмæ гæсгæ æви нæ уый раиртаста не*сфæлдыстадон къорд. Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаг цалцæг кодтой цалдæр хатты. Фæлæ, хъыгагæн, лæгъз æмæ аивæй-иу бирæ нæ ахаста, фæзынд-иу дзы дзыхъхъытæ, фæндаджы уæлцъар та-иу уылæнтæ сбадт. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, фæндаджы бын зæхх æлыг кæй у, уый аххосæй афтæ рауайы. Ныр æй баивдзысты хуыр æмæ змисæй. Уый тыххæй арæзтадон куыстыты рæстæг систой метры арфæн æлыджы цъар. Ныртæккæ дзы 20 сантиметры бæрзæндæн хуыр калынц. Уый фæстæ дзы байтаудзысты асфальт. Арæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæны сæрмагонд лаборатори. Арæзтадон куыстуаты куыд зæгъынц афтæмæй ног фæндаджы хæрзхъæддзинадмæ 7 азы ницы фау æрхæссæн уыдзæн. Æдæппæтæй сцалцæг кæндзысты 4 километр æмæ 500 метры уадздзаг. Æрвылбон ам кусынц 50 адæймаджы, техникæйы 20 иугонды, экскаватортæ æмæ хæдфæлдахæг уæзласæнтæ. Куыстытæ аразæг компани «Главдорстрой». Йæ директор Цогойты Аслан зæгъы, -Бакусын нырма хъæуы бирæ. Аслан Цогоев, æнæххæстбарджын бæрнондзинады æхсæнад «Главдорстрой» -йы директор: «Мах банывыл кæндзыстæм, фæндаджы алфамбылай цы фæз ис, уый. Дуканитæ æмæ иннæ бынæттæм скæндзыстæм бацæуæнтæ. Уый фæстæ сцалцæг кæндзыстæм фæндаг æнæхъæнæй. Хъæугæ нысæнттæ дзы сæвæрдзыстæм. Æдасдзинады домæнтæ бæстонæй баххæст кæндзыстæм». {Ацы фæндаг бæтты республикæйы цыппар районы Дзæуджыхъæуимæ . Ныртæккæ транспорт иууылдæр цæуы Архонкæйы уылты. Уый аххосæй станицæйы сæйраг уынджы цæндтæ дæр фæзыны. Шофыртæ дæр уавæр æмбаргæйæ уæлдай хъаст нæ кæнынц. Фæндаг цалцæг кæнынц «Безопасные и качественные автомобильные дороги», зæгъгæ, национ программæ æмæ "дорожная сеть", зæгъгæ регионалон проекты фæлгæты. Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ сæ хъус дарынц республикæйы фæндаггон хæдзарады комитеты. Николай Песьяков, РЦИ-Аланийы фæндæгты хæдзарады комитеты пресс-секретарь: «Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ зæрдæ не `хсайы. Алы къæпхæнмæ дæр дзы хъæугæ цæстард цæуы. Куыд арæзтадон æрмæджытæм, афтæ куыстмæ дæр. Нæ зæрдæ дарæм фæндаг куы срæвдз уа, уæд хæдтулгæты шофырты зæрдæмæ фæцæудзæн». Пъланмæ гæсгæ объект хъуамæ срæвдз уа октябры кæрон. Фæлæ фæнд кæнынц раздæр. Уый тыххæй куыстытæ æххæстгæнæн компанийы спайда кæндзысты уæлæмхасæн тыхтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Архонкæйы æрзылды онг цалцæггонд фæндаг фæзындзæн
Категория:
Новости и СМИ