Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлд Беслæны цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Æмбырды ма архайдта Рахизфарсы районы администрацийы уæнгтæ, Цæгат Ирыстоны экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министр Мамиаты Чермен æмæ Хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег. Паддзахадон Думæйы депутатмæ æрбацыд 50 адæймаджы. Фарстатæн сæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазимæ. Беслæны цæрджытæ ма бæрнон кусæгмæ ныфыстой иумæйаг курдиат, цæмæй сæ заууат æмæ кæлæтдзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм раивой. Сæ ныхæстæм гæсгæ сын сæ хæдзар бахастой регионалон сæрмагонд программæмæ 2013 азы. Фæлæ ныридæгæн ног фатерты дæгъæлтæ нæ райстой. Мæхъиты Зураб ацы хъуыддаг раиртасыны тыххæй сæрмагонд гæххæт арвыста Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министрадмæ. Паддзахадон Думæйы депутатмæ ма фæсидтис Рамоновæйы 60-аздзыд цæрæг. Уый куырдта, цæмæй йын баххуыс кæной йæ цæрæнуаты уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Депутат ын зæрдæ бавæрдта баххуыс кæнынæй. Мæхъиты Зурабмæ ма æххуысагур æрбацыд Дзæуджыхъæуы цæрæг. Уый йæ курдиаты фæнысан кодта, цæмæй æм депутат фæкæса англисаг-ирон граматикон дзырдуат рауадзынмæ. Мæхъиты Зурабæн ацы хъуыддаг йæ зæрдæмæ фæцыд. Уымæн æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны программæтæм куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы. Æппæт курдиаттæ дæр æнæ æркастæй нæ баззайдзысты, фæнысан кодта депутат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлд Беслæны цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ