Битарты Вячеслав фембæлд арæзтадон куыстуæттæй тендертæ чи рамбылдта, уыдонимæ
Арæзтадон объектты куыстыты хæрзхъæдзинад бæрзонд æмвæзадыл кæй у, уый у куыстуаты разамонæг æмæ дзы чи фыдæбон кæны, уыдоны руаджы. Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта арæзтадон куыстуæтты минæвæрттимæ æмбырды рæстæг. Уыдон социалон объектты арæзтады, фæндæгты бындурон цалцæджы тендертæ рамбылдтой. Нæ республикæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй фыдæбон кæнын хъæуы афтæ, раст цыма хи фатер цалцæг кæныс. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, æппæт мадзæлттыл бахардз кæндзысты 9 миллиард сомы. Уыдонæй 6 снысан кæндзысты объектты бындурон цалцæгæн. Республикæйы сæргълæууæг Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайоны сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ туберкулезы ныхмæ диспансеры арæзтадон куыстыты хæрзхъæддзинадæй разыйæ баззад. Мæздæджы районы поликлиникæйы арæзтадон куыстуатмæ та æрхаста фаутæ. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй арæзтадон объектты куыстытæ хъуамæ баххæст кæной 1-æм декабрьмæ. Фæндаггон арæзтады куыстытæ та - 1-æм ноябрьмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд арæзтадон куыстуæттæй тендертæ чи рамбылдта, уыдонимæ
Категория:
Новости и СМИ