Токаты Аслæнбеджы равзæрстой Иркутскы областы тæрхондоны сæйраг пъырыстыфæй
Уый фæдыл ын областы губернатор Сергей Левченко арфæйы ныхæстæ ракодта. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Токаты Аслæнбегмæ стыр фæлтæрддзинад кæй ис, уый тыххæй тæрхондоны пъырыфты куыстмæ стыр æвæрæн бахæсдзæн. Хорз кæй архайы, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Токаты Аслæнбег раздæр республикæ Бурятийы тæрхондоны райрæзты хайады фæллой кодта. Уым дæр ын уыд стыр æнтыстдзинæдтæ. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны Хæххон Аграрон университеты, экономикæ æмæ разамынд дæттыны факультеты. Каст æй фæци 1999 азы. 2007-æм азы ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, юриспруденцийы хайады. Йæ сæйраг куыст райдыдта 2001 азы. Фæллой кодта нæ республикæйы тæрхондоны пъырыстыфты управленийы. У фыццæгæм категорийы специалист. 2010-æм азы йæ раивтой Псковы областы Уæрæсейы федералон тæрхондоны пъырыстыфты службæйы хайадмæ. 2011 азы мартъийы мæйæ суанг 2015 азмæ куыста уыцы хайады разамонæджы хæдивæгæй. Стæй разамынд лæвæрдта Бурятийы федералон службæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Токаты Аслæнбеджы равзæрстой Иркутскы областы тæрхондоны сæйраг пъырыстыфæй
Категория:
Новости и СМИ