Зилгæйы хъæубæстæ сбæрæг кодтой Къохы Лæгты Дзуары бæбæргбон
Зилгæйы хъæубæстæ сбæрæг кодтой Къохы Лæгты Дзуары бæбæргбон. Æрвылаз вæййы августы æртыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон хъæуы цæрджытæн у кадджын, æмæ йæм зæрдиагӕй афæдзæй-афæдзмæ фенхъæлмæ кæсынц. Кувæндон та хъæубæстæн у æрдхæрæны бынат. Ам, Дзуары бын, кодтой кæнгæ æфсымæртæ, ног чындзы-иу йыл фæдзæхстой. Уæдæ кæстæртæй исчи йæ æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ куы фæцæуы, уæд уый дæр Дзуарыл бафæдзæхсынц, æмæ йæ афтæмæй афæндараст кæнынц йæ фæндагыл. Бæрæгбон бабæрæг кодтой ме ‘мкусджытæ дæр.