Хъæугæ æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы райдайдзысты бындурон цалцæджы куыстытæ. Ахуыргæнæндон бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Депутат Джыбылты Хъазыбегимæ æркастысты бæстыхай цы уавæры ис уымæ. Уымæй уæлдай ма аныхас кодтой ахуыргæнджытимæ. 13-æм скъола Дзæуджфыхъæуы историйы уæлдай бынат ахсы. Уым кæнынц энтнографион куыст. Чысыл музейы æрымбырд кодтой ногдзауты дзаумæттæ, тырысатæ æмæ чингуытæ. Куыстытæй кæцыдæрты сывæллæттæ сæхи къухтæй скæнынц. Уыдон Горæты сæргълæууæгæн балæвар кодтой нывæфтыд. Джыбылты Хъазыбег куыд загъта афтæмæй скъола цалцæггонд нæ уыд 25 азы бæрц. Сног кæнын хъæуы хæрæндоны бæстыхай. Æлбегаты Барис бабар кодта цæмæй цалцæггæнæн куыстытæм сæхи бацæттæ кæной. Уымæй уæлдай ма скъолайы аддаг бакастмæ дæр базилой. Горæты сæргълæууæг куыд бафиппайдта афтæмæй скъола цалцæг кæнын райдайдзысты фидæны аз. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæугæ æххуыс

Категория:

Новости и СМИ