Рæстæгмæ фарста
Цæгат Ирыстоны цы фелшырон-акушерон пункттæ ис, уыдон сцалцæг кæндзысты 2023-æм азмæ. Ахæм куыст бакæндзысты 40 хъæуы. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы æнæниздзинадхъахъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан журналисттимæ фембæлды. Ныртæккæ хъæуы ты дзæьæхгæнæндæттæ ис, уыдон арæзт æрцыдысты 30,50 æмæ 60-æм æзты. Сæ иу дæр дзы нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Нæ дæр санитарон-эпидемиологонтæн, нæдæр зынгсирвæзты домæнтæн. Годжыйаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз цалцæггæнæн куыстытæ фæнд кæнынц Мæздæджы районы райдыйын. Бæлвырддæр та Майскийы, Куыртаты æмæ Октябрьскæйы. Уæдæ ма ацы аз фæнд кæнынц амбулаторитæ дæр байгом кæнын. Фæзындзысты Тарскæйы, Сунжæ, Цъæй æмæ Реданты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рæстæгмæ фарста
Категория:
Новости и СМИ