Нæ зынаргъ ахуыргæнджытæн
Ахуырады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл парти "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайады минæвæрттæ дæр зæрдиаг арфæйы ныхæстæ ракодтой. Кадджын мадзæлмæ фæхуыдтой Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуыргæнджыты. Ацы бон сын сæ æнæмæнг хъæугæ куыстæн уæлдай аргъ скодтой,загътой сын бузныджы ныхæстæ,балæвар сын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.Фæнысан кæнын хъæуы уый,æмæ ахæм акцитæ уыдысты нæ бæстæйы алы регионты дæр.Партийы регионалон хайады æххæстгæнæн комитеты разамонæджы ныхæстæм гæсгæ,Уæрæсейы ахуыргæнджыты иумæйаг бон-нымад у вазыгджындæр бæрæгбæттæй иуыл, уымæ гæсгæ нæ ахуыргæнджыты хъæуы æдзухдæр зæрдыл дарын,уымæй уæлдай-ма сын хъæуы бузныджы ныхæстæ дзурын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нæ зынаргъ ахуыргæнджытæн
Категория:
Новости и СМИ