Æхца нæ фаг кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Цæгатирыстойнаг чызджытæ фесгуыхтысты Цæгат Кавказы зылды ерысты боксæй. Стъараполы чи цыдис, уыцы турниры фæстæ ныр нæ республикæйы минæвæрттæ ацæудзысты уæрæсеаг къæпхæнмæ. Ацы хатт сæ хъул сах абадт - ерысты аразджытæ æппæт хæрдзтæ дæр сæхимæ райстой. Фылдæр-иу сæ сæхи дзыппы фæрцы цæуын бахъуыд. Республикæйæ ницы æххуыс зонынц. Сæ дзыпп куы нæ фæамоны, уæд та ерыстæм æппындæр нæ ацæуынц. Уæлахизтæм сындзытимæ фæндагыл чи цæуы, уыцы чызджытимæ фембæлд нæ уацхæссæг дæр. Рингыл йæ тыхтæ бавзарын алкæмæн дæр фадат ис. Ам ис ахæм спорстментæ, æмæ йæхиуыл чи кусы æнæрынцойæ. Хæтæгты Людмилæ ацы секцимæ æрбацыд æртæ азы размæ, кæд ахæм фæндтæ йæ размæ не `вæрдта, уæддæр. Фæлæ дзы фыццаг бонæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ фæцыд. Ныр æй фæнды йæ цард боксимæ бабæттын. Раст Хуытъинаты Миланæйау. Ацы чызг та боксыл сæнувыд афæдзы размæ. Фæлæ йын ныридæгæн цыдæртæ æнтысы. Æрæджы дыууæ чызджы дæр сæ арæхс тдзинад равдыстой Цæгат Кавказы зылды ерысты. Цыдысты Стъараполы. Спортсменктæ дзы фæуæлыхиз сты. Евгений Матвеев, РЦИ-Аланийы сылгоймæгты иугонд командæйы сæйраг тренер: «Нæ командæйы ис 10 чызджы. Дыууæйæ дзы нæ уыдысты ерысты, нæ фадæттæ кæй нæ амыдтой, уый тыххæй. Æндæр ма нæ уыдон дæр куы уыдаиккой, уæд Стъараполы крайы командæйæ дур дурыл нал ныууагътаиккам. Нæ чызджытæй 7 бахаудысты Уæрæсейы ерыстæм». Чызджытæ сæхи бындуронæй цæттæ кодтой ерыстæм. Тренертæ сæм лæмбынæгæй кастысты, афтæмæй сæхиуыл куыстой. Цæфтæ куыд растдæр кæной, ууыл, стæй сæ уæзыл дæр. Сæ архайд сын уæлахизтæ дæр уымæн æрхаста. Хуытъинаты Миланæ, РЦИ-Аланийы æмæ Цæгат Кавказы зылды ерысты уæлахиздзау: «Тынг уæззау уыдис нæ цæттæгæнæн куыст, тынг бæрнонæй цæттæ кодтам нæхи. Тырныдтам æрмæстдæр уæлахизмæ. Æмбæлгæ уæз дарын тынг зын у. Фæлæ нæ хæстæм аккаг цæстæй кæй кастыстæм, уый нæ уæлахизы къæпхæнмæ схизын кодта». Æрмæст сын алы хатт ерыстæм ацæуын зын вæййы æхцайы кадавары тыххæй. Сæ залы уавæртæ сæ уыйас нæ тыхсын кæнынц. Фæнды сæ, цæмæй сæ куыст дон хиды бынты сæфтау ма фæдзæгъгæл уа. Чызджыты ерыстæм сæхи хардзæй цæуын бахъæуы, республикæ ахæм æххуысæй иуварс аззад. Спортсменкæтæн алы хатт æхца агурын зын вæййы. Сæ ныййарджыты бахъæуы хæстæ исын. Куы нæ сын бантысы, уæд сæ кæстæр йæ хæдзары бадгæйæ баззайы. Сæхи уыйбæрц рæстæг кæй фæцæттæ кæнынц, уый та фæдзæгъгæлы вæййы. Хæтæгты Людмилæ, РЦИ-Аланийы æмæ Цæгат Кавказы зылды ерысты уæлахиздзау: «Ничи нæм фæкæсы æхцайæ, æмæ та йæхи чи фæцæттæ кæны, уыцы чызджытæ фæсдуар аззайынц. Алкæй бон нæу иу хаттæй иннæ хаттмæ æхцагур зилын. Афтæмæй та нын арæх зæрдæтæ дæр бавæрынц. Фæлæ ныхасæй дарддæр хъуыддаг нæ фезмæлы. Иууылдæр нырхæндæг вæййынц». Цæгат Кавказы зылды кæй фæуæлахиз сты, уый чызджытæн фæндаг акъæртт кодта Уæрæсейы чемпионатмæ. Чызджытæн дзы сæ бон архайын уыдзæн æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ ерыстæ аразджытæ æппæт хæрдзтæ райстой сæхимæ. Фæсивæды фæнды ног уæлахизтæ рамбулын, сæхиуыл кусын, Ирыстонæн кад кæнын. Стæй ирон спортсменты ном дунейыл айхъуысын кæнын. Æмæ сæм-иу бæргæ куы фæкæсиккой æхцайæ дæр. Уæд ма сын бирæ цыдæртæ бантысид. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æхца нæ фаг кæны

Категория:

Новости и СМИ