30-æм сентябры Гасситы Мурат тох кæндзæн Отто Валлинимæ
30-æм сентябры Гасситы Мурат фембæлдзæн рингыл шведаг Отто Валлинимæ. Тох кæндзысты уæззау уæзы титул WBA Inter Continental рамбулыныл. Ныртæккæ йæ хицау у ирон боксёр. Телеканал «Матч»-æн Гасситы Мурат радзырдта, æхсæнадæн-иу арæх сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, цы ныхмæлæууæг ын-иу равзæрстой, уый. Муратæн ацы спортивон фембæлд уыдзæн 5-æм уæззау уæзы. Йæ ныхмæлæууæг та у уыдонæй æппæты хъомысджындæр. Валлины бахъуыды кодтой Тайсон Фьюрийымæ хæцтæй. 2019-æм азы шведаг спортсмен фæхæрд бритайнагæн. Ахæм уынаффæ рахастой тæрхонгæнджытæ. Фæлæ уыцы тохы фæстæ Фьюрийыл 47 хуыды сæвæрдтой. WBA æмæ IBF фыццаг уæззау уæзы раздæры чемпион Гасситы Мурат рамбылдта 30 хатты. Уыдонæй 23 - нокаутимæ. Хæрд та фæци иу хатт. Уæззау уæзы хæцы 2020-æм азы фæззæгæй. Уæдæй нырмæ 4 хатты рамбылдта æмгъуыдæй раздæр. Валлин та рамбылдта 25 хатты. Уыдонæй 14 - нокаутæй. Хæрд та фæци иу хатт.