Хабæрттæ // 2021 / 23 ноября
Уæрæсейы аивта пенситæ фидыны фæтк. Æмбæлгæ цæстдард уыдзæн куыд нысаногонд цæуынц, уымæ дæр. Ногдзинад йæ тыхы бацæудзæн фидæны азы 1-æм январæй. Медицинон æххуысмæ рынчындæттæм кæд къаддæр адæм цæуы, уæддæр республикæйы эпидемиологон уавæр нырма у зæрдæхсаинаг. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Цæуыл ма ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, уый радзурдзыстæм. Дыгургомы рæсугъддæр бынæттæй иу - Къаматæ. Ам ныр 3 азы дæргъы архайынц хæххон туризмы райрæзтыл. Ис дзы фысымуат дæр, ныридæгæн дзы суадзæг кодтой нæ бæстæйы алы рæттæй туристты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv