Адæмон фронты регионалон штабы уæнгтæ сбæрæг кодтой Къостайы проспекты кæрт
Адæмон фронты регионалон штабы уæнгтæ бæрæг кæнынц бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæтты уавæр. Басгæрст саразынц æрвылаз. Ацы хатт федтой, Къостайы проспекты хæдзæрттæй иуы сывæллæттæн цы хъазæн фæз ис, уый. Кæрты декабры уыд аивгæнæн куыстытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй асфальт ранæй-рæтты фехæлд, хъеллаугæнæнты хæйттæй дæр иутæ нал бæззынц. Уымæй уæлдай, атыдта уазал доны хæтæл. Адæмон фронты минæвæрттæ байхъуыстой цæрджыты хъуыдымæ, сæ хъæстытæ сын фæнысан кодтой. Басгæрсты хатдзæгтæм гæсгæ, фæсиддзысты дзуапдæттæг бæрнадмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» федералон проектмæ гæсгæ, республикæйы ацы аз снывыл кодтой 50 æхсæнадон бынат æмæ кæрты, уыдонæй 21 - Дзæуджыхъæуы.