ЦИПУ йы байгом сты ирайнаг æвзаджы курсытæ
Æгас Уæрæсейыл фæлгæсынæй фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ раздæхæм. Нæхимæ дæр цымыдисаг хабæрттæ разынд. Мæнæ, зæгъæм, сæ иу. Чысыл раздæр Дзæуджыхъæуы байгом сты персайнаг æвзаджы курсытæ. Махмæ цы бар дарынц, уый, æвæццæгæн, æвзагиртасджытæ уайтагъд бамбæрстой. Фæлæ йæ иннæтæн дæр æмбарын кæнын. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ мадæлон æвзаг персайнагимæ хæстæг æййафы. Дыууæ дæр сты ирайнаг æвзæгты къордæй. Æмæ кæд абон се `хсæн хъусгæ-хъусын æмхуызонæй уыйас ницыуал рацахсдзынæ, уæд незаманты уыдысты хæрзхæстæг. Цæмæй нæ историон тугхиондзинады ирддæр æвдисæн рæстæджы тарфы ма аныгъуыла, уый тыххæй сарæзтой ацы курсытæ дæр. Чи сæ амоны æмæ сæм кæй бон у æрбацæуын, уый та сбæрæг кодтой нæ уацхæсджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
ЦИПУ йы байгом сты ирайнаг æвзаджы курсытæ
Категория:
Новости и СМИ