Дзæуджыхъæуы райдыдта Куадзæны æрвылазон фестиваль
Абон ам Мариинаг театры филиал, Цæгат Ирыстоны филармонимæ чи æрбацыд, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ изæрæй разы сты! Æмæ цæуылнæ?! Ацы рæсугъд галуаны абон арæзт æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты ирыстойнаг меломантæ, уыцы концерт — Мæскуыйаг Куадзæны 17-æм фестиваль. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, æрвылазон кæй у. Райдыдта ивгъуыд хуыцаубоны Уæрæсейы нæ зындгонд æмзæххон Гергиты Валерийы хъæппæрисæй. Мариинаг театры оркестр гастрольтимæ цæудзæн нæ бæстæйы горæттæм. Фыццаг концерт байгом Мæскуыйы консерваторийы стыр залы. Уырдыгæй артисттæ араст сты Воронежмæ. Абон та сæ суазæг кодта Цæгат Ирыстон. Ам фестивал ныридæгæн арæзт цæуы дыккæгæм хатт. Мариинаг оркестр концерттæ дæттдзæн æртын горæты Архангельскæй — Сыбырмæ, уыимæ ма китайаг горæт Пекин æмæ Швейцарийы горæт Люцерны. Ацы Куадзæны фестивæлæн æнæхъæн бæстæйы дæр æмбал нæй! ацы аз музыканттæ сценæмæ цæудзысты 32 боны дæргъ, кæцыдæр горæтты дыгай хæттыты. Программæтæ сты алыхуызон. Сæ фылдæр сты композиторты юбилейты номыл. Фестивалы фæлгæты Гергиты Валерий алы аз дæр равдисы куыд зындгонд музыкантты, афтæ æрыгон æмæ суинаг курдиатджын фæсивæды дæр, Чайковскийы номыл æркасты лауреатты. Ис дзы ахзæмтæ дæр, æрвылаз чи фæархайы фестивалы. Се 'хсæн пиаист Денис Мацуев. ацы аз ма сценæмæ рацыдысты скрипачтæ Кристоф БарАти æмæ Павел МилюкОв. Ирыстойнæгтæн ма уæлдай æхсызгон уыд уый, æмæ Гергиты Валерийымæ сценæмæ рахызт йæ фырт, пианист Абысал. Гергиты Валерий йæхæдæг уый тыххæй чысыл раздæр цы загъта, уымæ ма бакæсут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы райдыдта Куадзæны æрвылазон фестиваль
Категория:
Новости и СМИ