Амалхъом адæмимæ республикæйы районты хъæуы арæхдæр ныхас кæнын
Йæ куыст æнтыстджынæй чи кæны, ахæм куыстуæттæ саразыныл ныхас кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Хъæууон хæдзарады министрад фæнд кæны, фос æмæ кæсаджы куыстгæнджытæн грантты фæрцы æххуыс кæнын. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, уавæрыл хъæуы хуыздæрырдæм сахадын.Амалхъом адæмимæ республикæйы районты хъæуы арæхдæр ныхас кæнын. Цæмæй пайда кæной нырыккон технологитæй æмæ сæ фыдæбоныл хуыздæрырдæм зына. Уæлдай æргом аздахын хъæуы фæсивæдмæ. Республикæйы цæрджытæн социалон æххуысы тыххæй радзырдта арæзтад æмæ архитектурæйы министр Касаты Таймураз. Уыцы хъуыддагæн радих кодтой 65 милуан сомы. Фыццаджыдæр фæхуыздæр кæнын хъæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн æмæ инвалидтæн сæ цæрæн уавæртæ. Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юрий хъæппæрис бахаста, иронау чи фыссы, уыцы журналисттæн сæрмагонд преми снысан кæныны тыххæй. Мадæлон æвзаджы рæзтæн уыцы хъуыддаг уыдзæн ахъаззаг. Уымæй уæлдай ма æмбырды дзырдтой республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Амалхъом адæмимæ республикæйы районты хъæуы арæхдæр ныхас кæнын
Категория:
Новости и СМИ