9-æм къласы ахуырдзаутæ сæхи цæттæ кæнынц кæронбæттæн ныхасмæ
Уæрæсейы æппæт скъолатæ дæр цæттæ кæнынц кæронбæттæн ныхасмæ. Ацы аз, куыд фарон, афтæ уыцы ныхас скъоладзаутæн бар дæтты паддзахадон фæлварæны архайын. Кæронбæттæн ныхас ацæудзæн 12-æм февралы. Ацы аз дзы æдæппæттæй архайдзысты 7 мин æмæ 311 скъоладзауы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг. Вероникæ Костионовæйы фæнды суæвын видеоблогер, цæмæй адæмы дисы фтауа йæ нывæфтыдтæй. Ахуыр кæны 9-æм къласы. Фæлæ ныридæгæн æй зоны, фидæны йæ цард цавæр дæсныйадимæ сбæтдзæн, уый. Вероникæ Костионовæ, Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау: «Фæнды мæ видеоблогер суæвын. Мæнмæ гæсгæ ахæм куыст у тынг цымыдисаг. Байгом кæндзынæн чысыл æмæ лæвар галерея. Цæмæй адæмæн уа фадат мæ куыстыты фæрцы сæхи сразæнгард кæнын». «Цæмæй бирæ зонай, уый тыххæй хъæуы бирæ чингуытæ кæсын», зæгъы Вероникæ. Уыимæ ма архайын алыхуызон сфæлдыстадон къордты. Сæ иу - «Литературная лаборатория» Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары. Ам сывæллæтты ахуыр кæнынц алыхуызон аивадон æрмæджытыл кусын. Ацы бонты Вероникæ йæхи фæлвардзæн кæронбæттæн ныхасы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дзæбæх цæттæ у. Вероникæ Костионовæ, Дзæуджыхъæуы 41-æм скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау: «Хиуыл хъæуы бирæ кусын. Кæсын, алы бон ног зонындзинæдтæ исын. Афтæ куы нæ уа, уæд адæймаг дæр цымыдисаг нæ уыдзæн. Бирæ рæстæг мæхиуыл кæй кусын, уый тыххæй мæнмæ гæсгæ ахæм хæслæвæрды сæрты дæр ахисдзæн. Æрмæстдæр тæрсын нæ хъæуы». 9-æм къласы ахуырдзаутæн кæронбæттæн ныхас арæзт у 4 хæслæвæрдæй. Текст аив бакæсын, хи ныхæстæй йæ радзурын, стæй ма дзы цитатæ бавæрын. Пъланмæ гæсгæ, монологы хуызы æрныхас кæнын, стæй æвзæрст темæйыл та ахуыргæнæгимæ æрдзурын. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй скъоладзаутæ сæхи æмбæлгæ хуызы бацæттæгæнгæйæ, кæронбæттæн ныхас æнцонæй ратдзысты. Йæ сæйраг нысан у ахуырдзауты уырыссаг æвзагмæ арæхстдзинад сбæрæг кæнын. Сæ зонындзинæдтæн сын аргъ кæндзысты «æппæрццæг кæнæ æвæрццæг» системæмæ гæсгæ. Æппæты фылдæр райсæн ис 20 баллы. Фæлæ фæлварæн æнтыстджынæй радтынæн уæвгæ фаг сты 10 баллы дæр. Ацы аз кæронбæттæн ныхасы архайдзысты 7 мин æмæ 311 скъоладзауы. Хæслæвæрдтæ саразыны тыххæй сын рахай кæндзысты 15 минуты, йе нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы скъоладзаутæн та бафтаудзысты 30 минуты. Мадзал ма ацæудзæн уæлæмхасæн бонты 11 мартъийы æмæ 18 майы. Фæлæ æрмæстдæр уæд, æмæ скъолдзау кæронбæттæн ныхасмæ ахсджиаг аххосæджы тыххæй кæй не рбацыд. Кæронбæттæн ныхасы хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты 17 февралы онг. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
9-æм къласы ахуырдзаутæ сæхи цæттæ кæнынц кæронбæттæн ныхасмæ
Категория:
Новости и СМИ