Цæгат Ирыстоны скъолаты азæлыди фæстаг дзæнгæрæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

Дзæджыхъæуы æмæ республикæйы районты скъолаты абон азæлыди фæстаг дзæнгæрæг.  Кадджын линейкæтæ арæзт æрцыдысты горæты ахуыргæнæндæтты. Ацы аз скъола каст фесты 3574 иуæндæсæмкъласоны. Сæ фылдæр - 1573-йæ сты Дзæуджыхъæуы скъолатæй. Æрæфы районы та сты æппæтæй къаддæр - 73 адæймаджы. Бæрæгбонмæ скъоладзаутæ бацæттæ кодтой кæфтытæ æмæ хъæлдзæг номыртæ. Æрымысыдысты сæ скъолайы цардæй цымыдисаг цаутæ. Ацы аз сæйраг паддзахадон фæлварæн дæтдзысты 7548 скъоладзауы. Рауагъдонтæн фæлварæнты афон райдайдзæн райсом - фысдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæн. Йæ сæйраг къæпхæн райдайдзæнис къуырисæры. Фыццаг фæлварæн дæтдзысты литературæйæ æмæ географийæ. Рауагъдонтæн фæстаг дзæнгæрæджы фæдыл раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ зæрдæ сын загъта, цæмæй сæ дарддæры фæндаг уа лæгъз æмæ æмраст, сæ равзæрст дæсныйадæй та сæ бон сæ райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын куыд уа, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны скъолаты азæлыди фæстаг дзæнгæрæ

Категория:

Новости и СМИ