«Сад Памяти» æппæтадæмон акци цæуы Мæздæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

«Сад Памяти», зæгъгæ, æппæтадæмон акци райдыдта Мæздæджы. Фронтæй цы салдæттæ нал сыздæхт, уыдоны номыл Мæздæджы цæрджытæ бæласы талатæ ныссагътой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты номыл скверы. Бындур ын сæвæрдтой 5 азы размæ. Уæдæй абонмæ бынат сси номарæн. Бæласы талатæм зилынц горæты цæрджытæ, скъоладзаутæ. Æхсæнадон организацитæ дзы аразынц патриотон акцитæ. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтой «Сад памяти» саразын. Мæздæджы районы хъæды хæдзарадæй æрбаластой 150 бæласы талайы. Ныссагътой сæ куыд хистæртæ, афтæ кæстæр фæлтæр дæр. Се `хсæн ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, спортсментæ, администрацийы кусджытæ æмæ депутаттæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ныридæгæн Цæгат Ирыстоны Советон Цæдисы хъайтартæ не ’мзæххонты ном ссарынмæ, ныссагътой 79 бæласы талайы. Мадзалы архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветерантæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ æмæ бархионтæ. Цæгат Ирыстон æппæтадæмон акци «Сад памяти» -йы архайы Уæлахизы 75 азы боны кадæн. Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы дæр фæзынд аллей. Æмткæй райсгæйæ, юбилейон аз нæ республикæйы ныссадздзысты 89 мин æмæ 934 бæласы. Уыдоны руаджы ссардзысты, хæстæй цы хъайтартæ нал сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæ. Акци «Сад памяти» -йы фæлгæты, æгас Уæрæсейы 18- мартъийæ - 22-æм июньмæ советон хæстонты номыл фæнд кæнынц 27 милуан бæласы талайы ныссадзын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Сад Памяти» æппæтадæмон акци цæуы Мæздæджы

Категория:

Новости и СМИ