Æфсад æви ахуыр?
146 адæймаджы балæвæрдтой курдиат Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æфсæддон центры ахуыр кæнынмæ. Ахуыргæнæндоны пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй студентты хсæн æвзæрстытæ райдыдтой майы. Се `хсæн чызджытæ нæй. Æфсæддон ахуырадон центрмæ бацæуыны бар ис ацы аз 90 адæймагæн. Ахуыргæнæндоны куыд бафиппайдтой, афтæмæй уыдон уыдзысты æрмæстдæр университеты студенттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстон Цæгат - Кавказы федералон зылды у иунæг регион, ахæм æфсæддон ахуырадон центр кæм фæзынд, уый. Ам сержантты æмæ салдæтты ахуыр кæндзысты дыууæ дæсныйадыл: хайады къамандирыл æмæ хистæр æхсæгыл. Фццаджыдæр кæсдзысты курсантты арæхстдзинадмæ, сæ æнæниздзинадмæ æмæ ахуырады бæрæггæнæнтæм. Сæрмагонд программæ бацæттæ кодтой 2 азмæ. Уый фæстæ рауагъдонтæн ратдзысты æфсæддон билеттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æфсад æви ахуыр?
Категория:
Новости и СМИ