Мæскуыйы чингуыты фестивалы тыххæй аныхас кодтам Тъехты Тамерланимæ
Ацы мæйы райдиан Мæскуыйы Сырх фæзы арæзт æрцыд чингуыты юбилейон фестиваль «Красная площадь», зæгъгæ. Сарæзтой йæ фæндзæм хатт. Уыимæ ма йæ амидингæнджытæ куыд загътой, афтæмæй 6 боны никуыма ахаста. Фестивалы сæйраг хайы дзы сарæзтой, Александр Пушкины райгуырдыл 220 азы кæй сæххæст, уый фæдыл кадджын мадзæлттæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз фестиваль сбастой театры æмæ бынæттон адæмыхæттыты æвзæгты æппæтадæмон азтимæ. Мæскуыйы равдысты фенæн уыд ирон чингуытæ дæр. Фестивалы архайдтой нæ республикæйы минæвæрттæ. Се 'хсæн уыд, нæ студимæ цы уазæджы æрбахуыдтам, уый дæр - рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерланы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæскуыйы чингуыты фестивалы тыххæй аныхас кодтам Тъехты Тамерланимæ
Категория:
Новости и СМИ